Батумы оппозицийы минæвæртты протестон акци сног ис. Акцийы хайадисджытæ горæты æндæр æмæ æндæр локацийæ хицауады хæдзары онг протестон цыдæй бараст сты. Æрымбырдуæвджыты æркуырд æнæивгæ у, оппозици парпламенты æмæ Бæрзонддæр советы ногæй æвзæрстытæ æмæ Цæк-ы администрацийы раивын куры.
«Оппозицион партитæ иууылдæр иумæ лæууынц. Уый та нысан кæны ома сæрибардзинад адавынимæ ничи бафидаудзæн. Скуыддзаггæнæг тох крæонмæ бакæнын хъæуы, фæстæмæ иу къадзæф дæр не акæндзыстæм» -райхъусын кодта Мирдат Камададзе.
Батумы цæугæ ацимæ баиу сты Тбилисæй дæр «Националон Змæлды» лидертæ, сæ нымæцы Ника Мелиа.
Бынатыл мобилизацгонд сты барадхъахъхъæнджытæ.