Батумы, корпусы кæлддзæгты бынæй ирвæзынгæнджытæ удæгасæй систой ноджы иу адæймагы
Батумы корпусы кæлддзæгты бынæй ирвæзынгæнджытæ ноджы иу адæймагы систой удгасæй. Уый кæлдздæгты бын 11 сахаты дæргъы уыдис.
Уæлвæтк уавæрты куысты минæвæрттæ, ацы минутты дарддæр кæнынц агурæн-ирвæзынгæнæн мадзæлттæ.
Уæдмæ ирвæзынгæнджытæ кæлддзæгты бынæй систой астæу кары сылгоймагы. Йæ æнæниздзнады уавæр уæззау у.
Батумы 26 майы уынгыл, абон цæрæн корпусы хай ныккалдис. Корпусы кæлддзæгты бын фæцис хæдтулгæ кæцыйы мидæг уыд сывæллон. Уыйы ирвæзынгæнджытæ хæдтулгæйæ систой æмæ йæ рынчындонмæ фæхæццæ кодтой.