Батумы иуæй-иу клиникæйæ, цалдæр мин  иуæг ампулæ наркотикон фæрæзтæ  æрбайсæфт
Батумы иуæй-иу клиникæйæ, цалдæр мин иуæг ампулæ наркотикон фæрæзтæ æрбайсæфт

Аджарийы  Æхсæнадон  Телеуынынады информацийæ,   Батумы, Денджызон госпиталы   стационары,   кæцы у компани «Мед-Эмердженсы» дæлбар,  цалдæр  мин ампулæ  наркотикон  фæрæз  фесæфт ис.

Аджарийы   Æхсæнадон  Телеуынынады   ратæдзæны  информацийæ,   фæдагуырд райдаыны фæстæ,   рынчындоны  дыууæ кусæг   сæ куыстуатмæ нал бацыдысты,  æрмæст  æвæрæнæй  та  фесæфт 6000-ы онг ампулæ.

Хирургион   департаменты  хистæр  æмæ  клиникон   менеджер,   Аджарийы  Телеуынынадимæ  ныхасы хъусын кæнынц,   цæмæй наркотикон   фæрæзты   фесафыны  факты ныридæгæн æвзары  мидхъуыддæгты  министрад.

«Алы  æмбæлон документаци   лæвæрд æрцыд  фæдæвзарæг  оргæнтæм» –  дзуры Темур  Хантадзе.

Фыццаг Къаналæн   МХМ-ы  куыд фехъусын кодтой афтæмæй,   хъуыддаг рæгъмæ хаст æрцыд  тугтæрхоны барады  кодексы 269-æм статийæ, кæцы йæ хъуыдыйы  дары  наркотикон   фæрæзты  кæнæ  прекурсоры æрцæттæйы,   кæнын, райст,  æсфысты, бавæрын, аласын  арвитын  кæнæ æрбаласыны фæтксаст.

Уагдоны  хъусинагæй,   уагъд цæуынц æмбæлон фæдæвзарæн мадзæлттæ.  Æрцæугæмæ  гæсгæ нырма  никæй æрцахстой.