Батумы, цы ран æхсæнадæмон  конференци хъуамæ райдайæт, медийы æмæ  оппозицион партиты минæвæртты простестон акци цæуы
Батумы, цы ран æхсæнадæмон конференци хъуамæ райдайæт, медийы æмæ оппозицион партиты минæвæртты простестон акци цæуы

Батумы,  цы ран 17-æм  æхсæнадæмон  конференци  хъуамæ райдайæт, протестон  акци уадзынц   оппозицион  политикон партиты, æртыккаг  секторы æмæ  медийы  минæвæрттæ.

«Фæд равзар», «Авторитаризмæн нæ!», «Сæрибар медиа сæрибар æхсæнад», – ахæм мидисы   транспаранттимæ лæууынц акцийы  хайадисджытæ  фысымуат  «Шератоны» цур.  Уыдон хъусын кæнынц, цæмæй  сæ фæнды  Гуырдзыстоны уæвæг уавæры фæдыл  фехъусын кæнын Шарль Мишелæн.

«Евроцæдис хъуамæ  базона, цæмæй «Гуырдзиаг Бæллиц»  европаг фæндагæй фæзылдис  йæ  реалон архæйдтытæй, фидиуæнтæй,  уый  тыххæй æрбацыдыстæм  ардæм, цæмæй фехъусын кæнæм   Шарль Мишелæн», – дзуры «Националон Змæлды»  уæнг  Мирдат Камададзе.

Уыимæ иумæ, акцийы хайадисджытæ  домынц  5 июлы фæзындты организаторты дзуаппмæ раттын.

«Фæнды нæ европаг  бæстæйы цæрын. Нæ бæстæ   фашистон нæ фæлæ.  европаг у, уый  фехъусын кæнын нæ фæнды  ацы  адæмæн. Дыккаг, цæй  зæгъын нæ фæнды. у уый, цæмæй   æфхæрд æрцæуæд алы фыдгæнæг, æнæрмæст æххæстгæнæг, фæлæ  ма  организатортæ дæр.  Ноджы иу нысаниуæгджын сигнал у уый, цæмæй  минæвæрттæ куыд загътой афтæ,  хъуамæ слæууæд  политикон бæрны фарста, уымæн   æмæ ай нæу ахæм хабар, кæцыйы æнцонтæй  арвитын ис гæнæн», – райхъусын  кодта   журналист Лаша Тугъуши.

Акци  æнæэксцесстæй ацыд.  Территорийыл мобилизацигонд сты  барадхъахъхъæнджытæ.