Батумы æрцæугæ инцидентыл МХМ фæдагуырд райдыдта сурыны æмæ хулигандзинады статитæм гæсгæйæ
Батумы знон æрцæугæ инцидентыл мидхъуыддæгты министрад хъуыддаг рæгъмæ рахаста дыууæ статимæ гæсгæйæ.
Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн МХМ-ы пресс-куысты куыд фехъусын кодтой уымæ гæсгæйæ, фæдагуырд цæуы тугтæрхонон барады 156-æм (сурын) æмæ 239-æм (хулигандзинад) статитæм гæсгæйæ.
Уагдоны информацийæ, зæгъгæ цæуынц фæдагурæн мадзæлттæ æмæ инциденты хайадисæг уæнгты фæрсынц.
Батумы протестон акцийыл, «Националон Змæлды» уæнгтæ Ачъарайы Бæрзонддæр Советы депутат, Ираклий Чавлеишвилимæ фæбыцæу сты æмæ йæ бафхæрдтой. Акцийы хайадисджытæ Ираклий Чавлеишвилийыл бакалдтой бырондоны цы æхсæнттæ уыд уыдон.