Батумы ацæудзæн æхсæнадæмон конференци «Евроцæдисы химæлвæсты тых æмæ регионы трансформаци»
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад Батумы 17-æм æхсæнадæмон конференци – «Евроцæдисы химæлвæсты тых æмæ регионы трансформаци-йæ фысым кæндзæн, кæцы ацы аз гибридон форматы ацæудзæн.
Мадзалы байгом кæндзæн вице-премьер фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалиани. Уыимæ иумæ, байгомы сессийыл дзырдæй ралæудзысты Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили, премьер-министр Ираклий Гъарибашвили, Молдовæйы, Украинайы æмæ Европаг Советы президенттæ, Майя Санду, Владимир Зеленски æмæ Шарль Мишель.
Банысан кæнын хъæуы уый æмæ Батумы æхсæнадæмон конференцийы фæлгæтты ацæудзæн дискусси темæйы: «Ног трансатлантикон боны фæтк æмæ хурыскæсæн Европæ».
Сессийы рæстæджы æркæсдзысты ахæм темæтæ, цахæмдæр сты евроатлантикон тыгъдады уæвæг быцæусидтытæ æмæ фадæттæ, традицион æмцæдисонты æхсæн æмгуыстад рапарахат кæныны перспективæ æмæ æнд.