Бардарæг Шио, Илья Дыккагæн арфæ кæны Патриархæй суæвыны 40 азы сæр
Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриархы, Илья Дыккагы патриархæй суæвынæй 40 азы æххæст кæны.Ацы датæмæ гæсгæ, сом сæумæрайсом, Светицховелийы кафедралон аргъуаны уагъд æрцæудзæн бæрæгбонон куывд.
Уæдмæ та, иу бон раздæр, Самебайы кафедралон аргъуанйы Илья Дыккагæн бæрæгбонон датæ раарфæ кодта йæ ивæг Бардарæг Шио.
«Абон ноджы иу хатт пайда кæнæм фадатæй æмæ арфæ кæнæм нæ зынаргъ Павтриархæн ацы нысаниуæгджын датæ, уымæн æмæ 40 азы дæргъы æмæ уымæй размæ дæр, уый сæйраг аргъуанархайæг ку уыдис уæд, Моисей пехуымпарау раздзог уыд йæ адæмæн æмæ йæ бæстæйæн Хуыцауы æрдæм фæндагыл. Кувæм йын бирæ цæрæнбон, цин, æмæ уæлахисдзинæдтæ æмæ уыйимæ иумæ куыд фæуæлахиз уа нæ адæм нæ аргъуан æмæ нæ бæстæ куыд баиу уа уый амонд» – бансан кодта Бардарæг Шио традицион хуыцаубонон динамынды рæстæджы.