Банкыты асоциаци фæлхасгæнджыты фæдзæхсы, Уæрæсейæ æрвыст суммæ, мызды бæсты банкæй ма рахæссой, уымæн æмæ фæнысангонд йæ ныхмæ у Гуырдзыстоны закъондæттынадæн
Гуырдзыстоны банкыты ассоциаици, Уæрæсейæ æрвыст æхцайы мызды бæсты организацийæ рахæссыны æнæзакъонондзинады фæдыл фæдзæхсы.
Ассоциаци Гуырдзыстоны лицекнзиргонд банкыты номæй хъусын кæны, цæмæй фæнысангонд архайд Гуырдзыстоны закъондæттынадæн йæ ныхмæ цæуы æмæ гæнæн ис, конкретон уæнгы хынцы сыхгæдæй æмæ санкциты бындурæй суа.
«Фæстаг периоды фæарæх сты цаутæ, физикон уæнгтæ, кæцытæ Гуырдзыстоны лицензиргонд коммерцион банкты лæггадæй пайда кæнынц, бæрæг мызды бæсты, æбæрæг уæнгты сæрмагонд банкъон хынцмæ рæрвитынц суммæтæ æмæ сæ æндæр æмæ æндæр амæлттæй суммæтæ рахæссын курынц. Фæнысангонд типы суммæтæ фылдæр æрвыст сты Уæрæсе Федерацийæ.
Гуырдзыстоны Банкыты ассоциаци, Гуырдзыстоны лицензиргонд коммерцион банкыты номæй, фæдзæхсы фæлхасгæнджыты, ома уæлдæрбанысангонд архайд йæ ныхмæ цæуы гуырдзыстоны архайæг закъондæттынадæн æмæ ахæм хъуыддаджы баст уæнгты æрдæм, гæнæн ис слæууа Гуырдзыстоны закъондæттынадæй бæрæг бæрн.
Афтæма коммерцион банкыты куысты регулиргæнæг уагæвæрды æмæ нормæтæм гæсгæйæ, фæлхасгæнæджы ахæм архæйдтытæ гæнæн ис, йæ хынц сыхгæды æмæ санкциты бындурæй суа.
Уæлдæрбанысангондæй дарддæр, ацы типы архайд рискхæссæг у физикон уæнгы персоналон æмæ банкон бæрæггæнæнты конфиденциалондзинадæн, кæцы рæзын кæны æмбæлгæ физикон уæнгы коммерцион банкты æвæрд активтæм фæлывдмигæнæгон гæнæндзинад æмæ риск.
Гуырдзыстоны банкыты ассоциаци сиды фæлхасгæнджытæм, сæ зæрдыл бадарæт ахæм барадныхмæ схемæты уæвынад æмæ сæхи бауромæт æнæзакъонон бадзырды хайад райсынæй», – хъусын кæнынц банкыты ассоциацийы.