Бангкок-Тбилисы  æрдæм  фыццаг  чартерон рейс  сыххæст ис
Бангкок-Тбилисы æрдæм фыццаг чартерон рейс сыххæст ис

Авиакомпани  Thai Air Asia X  Бангкок-Тбилисы  æрдæм   фыццаг   чартерон рейс   сыххæст кодта.  Гуырдзыстонмæ  æрцæугæ 330  туристæн, Тбилисы  æхсæнадæмон  аэропорты   авиацион  хицауады æмæ   «Тав Джорджиайы» минæвæрттæ  рацыдысты сæ размæ.

2 январы  банымадæй, Air Asia фæнысангонд ардæмадæй   фондз чартерон  рейсы, Airbus 330 типы  уæлдæфон  наутæй  сæххæст кæндзæн.  Авиакомпани уæлæмхасæй   чартерон  рейсытæ  2020  азы  апрелы сæххæст кæндзæн.

Thai Air Asia X авиацион  базарыл  2014  азы  архайы.  Абоны бонмæ   авиакомпани,  комкоммæ   тахтытæ  66 æхсæнадæмон  æмæ 29  бынæттон   ардæмадтæй  æххæст кæны.

Гуырдзыстоны  туризмы  национ администрацийы   бæрæггæнæнтæй,  ноябры  визиторты  нымæц, Тайландæй  1231  процетæй   райрæзтис.  Кæд æмæ 2018 азы  ноябры Гуырдзыстонмæ  азиаг бæстæйæ  145  æмбæстаг  фæуазæг ис, цæугæ азы  ноябры   ацы  бæрæггæнæн  1930-ы онг    фæфылдæр ис.

Январ-ноябры   Тайландæй   Гуырдзыстонмæ  10 011  æмбæстаг  æрцыд,   кæцы  ивгъуыд  азы 1 1 мæйы  бæрæггæнæны 234.7  процентæй фылдæр у.