Баку-Тбилис-Хъарсы æфсæнвæндагыл Китайы æрдæмадæй экспортон поезд фыццаг хатт ацыд
Баку-Тбилис-Хъарсы æфсæнвæндагыл Китайы æрдæмадæй уæзты транспортаци фыццаг хатт цæуы æххæст – 8 декабры изæр Гуырдзыстонмæ æрцыд поезд, кæцы Турчы горæт Стамбулæй рацыд 4 декабры, – уый фæдыл Гуырдзыстоны экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министрады информацийы мидæг дзырдæуы.
«Фæнысангонд фæзынд прецедент цæмæн нæй ахæм у, уымæн æмæ астæу транспорртон кæлидоры фæрцы, уæзтæ Китайæ Европæйы æрдæм ластой», – хъусын кæнынц фидиуæны.
Афтæма сæ хъусинагæй, поезд, кæцы Китайы, Сяны провинцимæ хъуамæ ныццæуа, астæу æфсæнвæндагон кæлидоры уылты (кæцыйы скæнæг хай у Баку-Тбилис-Хъарсы æфсæнвæндагон ахизæн) 8,693 километры рацæудзæн 12 бонмæ.