Бахмаромæ 18 км-он фæндаджы реабилитаци фæцис
Бахмаромæ 18 км-он фæндаджы реабилитаци фæцис

Гуырдзыстоны  регионон райрæзты æмæ инфраструктурæйы  министрады   автомобилон фæндæгты департамент Гуриайы   мидпаддзахадон нысаниуæгы   Чохатаурийы  Бахмароимæ иугæнæг  аавтомобилон фæндаджы   18 км фадыгы  реабилитаци фæцис.

Фæнысангонды  фæдыл  информаци  хъусын кæны автомобилон фæндæгты департамент.

«Курорт Бахмаромæ  автомобилон фæндагыл   арыдт уыд   асфальт-бетоны æмбæрзæн æмæ  хъæугæ инфраструктурæ –  донвæндагы æфсæйнаг   хæтæлтæ,  æфсæйнагбетоны систæ æмæ æндæр.   Фæндагон  æдадсзинады   фæхуыздæры нысанæн, фæндагыл арызт уыд   æмбондтæ. Реабилитацион  фадгуытыл  фæндагон  инфратсруктурæйы  срæвдз кæныны фæрцы  автотранспорты змæлд    æдас æмæ комфортон  ссис.  Фæкъаддæр ис   балцы рæстæг дæр. Реабилитацион   куыстытæ  паддзахадон бюджетæй 19.2 милуан  ларийæ  сфинанс сты», – дзырдæуы  автомобилон фæндæгты  департаменты  информацийы.