Бахмæройы цæуы традицион бæхты дугъ – «Кубок Бахмаро 2025». Мадзалы архайынц дæсгай бæхыл бадджытæ Самегрело, Аджарийæ, Гуры æмæ бæстæйы æндæр æмæ æндæр регионтæй.
Бахъмаройы æнæхъæн бон уагъд цæудзысты сывæллæтты хиирхæфсæн мадзæлттæ, афтæ ма бынæттон амалиуæггæнджыты продукцийы равдыст æмæ уæй. Преображенский кафедралон аргъуаны ныридæгæн сарæзтой цытджын литурги.
Бæхты дугъы хайад райсдзысты бæстæйы президент Кавелашвили Михаил, æххæстгæнæн æмæ закъондæттæг хицауады минæвæрттæ. Бæхты дугъты уæлахиздзауты абон схорзæхджын кæндзысты.
Организаторты ныхасмæ гæсгæ, традицион бæхты дугъ æмæ æхсæнадон бæрæгбон здæхт у туризмы парахат кæнынмæ æмæ Бахмаройы курорты размæцыдмæ. Боны кæрон та уыдзæн концерт æмæ фейерверк.
Бахъмаройы бæхты дугъты традици бындур æвæрд æрцыд ивгъуыд æнусы 30-æм азты. Уæдæй фæстæмæ спортивон ерыстæ арæзт цæуынц æрвылаз дæр 19 августы.