Байгом 11-æм æрсидты Парламенты фыццаг æмбырд. 89 Парламенты уæнгты рацыдысты регистраци. Сесси байгом кодта парламенты сеппæтæй хистæр уæнг, Къахадзе Владимир.
Абон Парламенты схъæлæс кæндзысты парламенты уæнгты барты фарстыл, равзардзысты парламенты сæрдары, йæ фыццаг хæдивæджы æмæ хæдивджыты, афтæ ма комитетты сæрдарты.
Парламенты 11-æм æрсидты фыццаг рабадтыл хайад исынц Гуырдзыстоны хицауады уæнгтæ, Абхази æмæ Ацъарайы автономон республикæты уæлдæр советты æмæ хицауады сæргълæуджытæ, тæрхондоны минæвæрттæ, сæйраг сахары мэр, ЦÆК-ы сæрдар æмæ дины кусджытæ.