Багамы сакъадахтыл хæрдмæтæхæджы катастрофæйы амæттаг фесты авд адæймаг, сæ нымæцы миллиардер Крис Клайн

Багамы сакъадахтыл  хæрдмæтæхæджы  катастрофæйы амæттаг фесты  авд адæймаг, сæ нымæцы дурæвзалыйы  магнат  миллиардер Крис  Клайн.

Ахæлиугонд информацийæ, хæрдмæтæхæг  Атлантикæйы океаны  йæ стæхынæй  цыбыр рæстæгмæ  æрхаудта.

Бортыл уæвæг   æндæр  уæнгты нæмттæ   ацы афонмæ бæрæг не сты.