Бæстæйы масштабæй ресторантæ 22:00 сахатмæ кусдзысты, – уый фæдыл вице-премьер Майя Цкитишвили координацион советы рабадты фæстæ фехъусын кодта.
«Тбилисы, Кутаисы, Мцхета æмæ Батумы, ресторанты куыст уыд арæнгонд 22:00 сахаты онг, 22:00 сахатмæ куыстой ацы горæтты алы хæрæндон объекттæ, фæлæ уый тыххæй, цæмæй ресторанты æмæ уым ацæугæ мадзæлтты рæстæджы фæбæрæг ис инфицирады цауты бæрзонд нымæц, абон ахицæн кодтам, цæмæй æппæт бæстæйы масштабæй ресторантæ кусой 22:00 сахатмæ», – фехъусын кодта Мая Цкитишвили.