Бадзырдон хъæзтытæй цы хонынц уыцы хъуыддагыл ахæсттæн аххосаг æнхъæлцау абон бавдисдзысты
Бадзырдон хъæзтытæй цы хонынц уыцы хъуыддагыл ахæсттæн аххосаг æнхъæлцау абон бавдисдзысты. Уый фæдыл баскетболон кълуб «Сохумы» тренеры Важа Къварацхелиайы æмæ ацы кълубы æм-бардарæгы Темур Датикашвилийы адвокат Тамар Абесадзе фехъусын кодта. «Æнхъæлцау,12:00 сахатыл сын хъуамæ бавдисой аххосаг æмæ аххосаг формулиргонд уыдзæн лæмбынæг, цæмæй цы конкретон фыдракæнды сæ аххосджын кæнынц. Сæ дыууæимæ дæр фæныхас кодтон æмæ дыууæ дæр дзурынц уый,ц æмæй кълубтæн гæртамы банхъарыны æмæ матчыты балхæды цау никуы уыд» – хъусын кæны адвокат.
Бадзырдон хъæзтытæй цы хонынц уыцы хъуыддагыл ахсты æрцыдысты 5 гоймаг, кæцыты фæхæццæ кодтой «Модулы» бæстыхаймæ. «Гуырдзыстоны паддзахадон æдасдзинады куысты антикоррупцион агентады кусджытæ, оперативон-агурæн æмæ фæдæвзарæн архæйдтты фæстиуæгæн æрцахстой къордгай коммерцион балхæныны фактыл æхсæнадæмон категорийы арбитрты – Заза Мачаладзейы, Ираклий Беришвилийы æмæ Давит Беришвилийы, афтæдæр Гуырдзыстоны баскетболон кълуб «Сохумы» тренер Важа Къварацхелиайы æмæ ацы кълубы æм-бардарæгы Темур Датикашвилийы» – хъусын кæнынц ПÆК-ы.