Бадри Гавашелишвилийы ныхмæ физикъон бафхæрды  хуъыддагыл Гиги Угулавайы æнаххосыл банымадтой
Бадри Гавашелишвилийы ныхмæ физикъон бафхæрды хуъыддагыл Гиги Угулавайы æнаххосыл банымадтой

Тбилисы горæты  тæрхондоны, Гиги Угулавайы хъуыддагыл  райхъусын кодтой  уынаффæ. Дзырæдуы   аэропорты æрцæугæ  инциденты фæдыл, кæцыйыл   зылынгæнæг фарс  Угулавайы  аххосджын кодта  дзюдоист Бадлри  Гавашелишвилийы  нады .

Тæрхонгæнæг  Бадри Къочъламазашвили  Угулавайы сраст кодта.

Гиги Угулава  бавдыст аххосагы  йæхи зылынджыныл нæ банымадта æмæ  хъусын кодта, цæмæй  ацы хъуыддаджы  уый бынтон æнаххос у.  Афтæма йæ  дзырдæй,  уымæ  аэропорты  дыууæ  дзюдоисты  барвыстой.

Цау Тбилисы  аэропорты 2019  азы  11 декабры æрцыд.  Гиги Угулавайæн аххосаг бавдыстæуыд  тугтæрхоны барады  кодексы  126-æм статийæ, кæцы нысан кæны  тыхмидзинад.  Уыйы зылынджын кодтой  Бадри Гавашелишвилийы  нады. Гиги Угулаваимæ  иумæ, зылынмæ лæвæрд уыд  Гавашелишвилийы хæлар Давит Паркадзе, кæцыйы аххосджын кодтой   политик Гока Габашвилийы   нады.  Тæрхондоны уынаффæйæ, Паркадзейы аххосджыныл банымадтой  æмæ йын стæрхон кодтой ивар бафидын.