Европарламентартæ – цæрынæн нысаниуæгджын у фылдæрты æмæ оппозицийы æхсæн æвзарæнон реформæйыл диалог адарддæр кæнын
Европарламенты Гуырдзыстонимæ ахастыты фарстатыл кусæг европарламентартæ Тбилисы раздæры мэры «Европаг Гуырдзыстоны» иуæй-иу лидеры, Гиги Угулавайы хъуыддагыл публикаци кæнынц куырдиат.
«Хæдбар æмæ объективон тæрхононсистемæ, кæцыйыл æууæнды æхсæнад, кæцыфæнды демократийы фидар æнцой у. Уый афтæдæр сæ иу у Гуырдзыстоны хæсистытæй ассоциацидзинадаы бадзырды фæлгæтты. Хъыгагæн, Сæйраг Тæрхондоны тæрхоныскуыд Гиги Угулавайы хъуыддагыл, æвзæрын кæны фарстытæ скуыддзаг райсты процедурæйы, рæстæг æмæ мотивацийы фæдыл. Уый ноджы карздæр кæны тынгад Гуырдзыстоны æнæ уый дæр уæззау политикон æрдзы. Цæрынæн нысаниуæгджын у диалогы адарддæр кæнын парламентон фылдæрты æмæ оппозицийы æхсæн консессумæ æрцæуынæн æвзарæнон реформæйы фæдыл, кæцы сеппæтæй хуыздæр æвдисы гуырдзиаг адæмы фæнд. Демократийæн ацы скуыддзаггæнæг рæстæджы, Гуырдзыстоны парламенты нæ партнертимæ æнæаскъуынгæ контактыл уыдзыстæм» – дзырдæуы европарламенты куырдиаты.
Европарламенты веб-фарсыл публикацигонд информацийы банысангонд у, цæмæй куырдиатыл къух æвæрынц Европарламенты фæсарæн ахастыты комитеты сæрдар Девид Маккалистер, Евроцæдисы æмæ Гуырдзыстоны парламентон ассоциацидзинады комитеты делегацийы сæрдар Марина Кальюранд æмæ Гуырдзыстоны фæдыл æддаг хъуыддæгты комитеты иудадзыгархайæг раныхасгæнæг Свен Миксер.