Бадри Джапаридзе – Евросоветы цæстдарæг къорды парламентон ассамблеимæ фембæлдыл «Лелойы» плæнтты фæдыл фæныхас кодтам, уыдон 4 октябры фæдыл ницы фарстой
Бадри Джапаридзе – Евросоветы цæстдарæг къорды парламентон ассамблеимæ фембæлдыл «Лелойы» плæнтты фæдыл фæныхас кодтам, уыдон 4 октябры фæдыл ницы фарстой

Махæн уыд фембæлд Евросоветы парламентон ассамблейы цæстдарæг къордимæ, кæцы аргълæвæрд кæны бæстæйы цæугæ процесстæн. Ныхас кодтам «Лело-Тыхджын Гуырдзыстоны» коалицийы архайды фæдыл, куыд райстам хайад  бынæттон æвзæрстыты, цавæр плæнттæ нæм ис, афтæ дæр саргъ кодтам ивгъуыд азы парламентон æвзæрстытæн. Ныхас кодтам бæстæйы цæугæ процесстыл – расидтис «Лелойы» лидер, Бадри Джапаридзе.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, ацы азы 4-æм октябры цауты фæдыл ныхас нæ уыд.

«Цыппæрæм октябры тыххæй нæ ныхас кодтам, уыдон нæ бафарстой. Ныхас кодтам, цы сæ цымыдис кодта. Мæнмæ ис бирæ фарстатæ, кæцытыл мæ фæнды æруынаффæ кæнын. Цымыдис сæ кодтой нæ партийы архайд, иннæты тыххæй ницы фарстой. Цыппæрæм октябры уа æви æндæр цаутæ, уыдон информаци райсынц сæхи æрмæгæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, мах ногæй сфæлхатт кæндзыстæм, цæмæй хицауады ивддзинæдтæ æрмæстдæр бæстæйы хъуамæ æрцæуой æвзæрстыты, мах нымайæм æппæт æвзæрстыты хайадист. Мах сбæлвырд кодтам, цæмæй бæстæйы хицауады аивыны иунæг фæндаг у æвзæрстыты фæрцы. мах ноджы иу хатт равдыстам, цæмæй уый уыд раст æскъуыддзаг, муниципалон æвзæрстыты куы хайад истам уæд», -расидтис Джапаридзе.