Бадри Джапаридзе –  Æз нæ нымайын а.х фæдагурæн къамисы арæзт закъоны бындурыл, нæ хъавын хайад райсын ахæм пропагандистон кампанийы, кæцыйы нысан у мæ ном фæфыдæнхъæл кæнын
Бадри Джапаридзе – Æз нæ нымайын а.х фæдагурæн къамисы арæзт закъоны бындурыл, нæ хъавын хайад райсын ахæм пропагандистон кампанийы, кæцыйы нысан у мæ ном фæфыдæнхъæл кæнын

Æз нæ нымайын, а.х фæдагурæн къамис арæзт æрцæуа закъоны бындурыл, æмæ нæ хъавын хайад райсын мæ ныхмæ плангонд пропагандистон кампанийы, кæцыйы иунæг нысан у, æнæуæвæг темæйы алыварс æрхъуыдыгонд ​​æгадгæнæг версийы райрæзтыл бындурæвæрдæй мæ цъыф кæнын – ныффыста социалон хызы «Лело»-йы лидертæй иу Бадри Джапаридзе.
Джапаридзе рæстæгмæ фæдагуырдон комисы сæрдар Теа Цъулукианийы фидиуæнæн дзуапп ратта, кæцы расидтис, цæмæй сом рабадтыл Бадри Джапаридзейы хъуыдтаг комисы æнæбацыды тыххæй прокуратурæмæ арвитыны фарстайыл фæуынаффæ кæндзысты.
“Æз ныууагътон мæ парламентон мандат растдæр уый тыххæй, æмæ уый нæу легитимон парламент. Уый у æнæкомпетентон, иупартион къорд, кæцы арæзт æрцыд мæнг æвзæрстыты бындурыл. Афтæ хуынæг слестгæнæн къамис  закъоны бындурыл арæзт нæу, уымæн æмæ уый дæр у иупартион. Закъоны та, бынтон æндæр процедурæтæ æмæ сконды ис» – фыссы Джапаридзе.
Гуырдзыстоны парламенты уагъд æрцыд 2003-2012 азты ныры режимы æмæ йæ политикон бæрнонты архайды фæдагуырды рæстæгмæ фæдагуырдон къамисы» рабадт. Абоны рабадтыл  æхсæнад «Магнат»-йы хъуыдтагы фæдыл каст æмæ æхсæнад  бизнесмен Джемал Леонидзейы æрфарстой. Уый «ТБС банкъы», Мамука Хазарадзейы, Бадри Джапаридзейы æмæ Давит Кезерашвилийы аххосджын кæны мулк байсынæй. Сессимæ афтæ дæр хуынд æрцыдысты Мамука Хазарадзе æмæ Бадри Джапаридзе. «Лело Гуырдзыстоны тыххæй» лидер Мамука Хазарадзе социалон хызы ныффыста, цæмæй къамисмæ бацæуын æмæ «цирчы хайад райсын» нæ хъавы. Къамисы сæргълæууæг, Теа Цъулукиани, Мамука Хазарадзейы хъуыдтаг прокуратурæмæ хъæлæсæппæрстмæ æрвитыны фарста æрæвæрдта, парламентон фæдагурæн къамисмæ кæй нæ бацыд уый тыххæй, кæцыйæн къамисы уæнгтæ дæр йæ фарсыл рахæцыдысты. Бадри Джапаридзейы фарстайы фæдыл та, Теа Цъулукиани расидтис, цæмæй сом комисы рабадты райдайæны, Бадри Джапаридзейы хъуыддаг комисмæ æнæфæзынды тыххæй прокуратурæмæ æрвитыны фарстайыл фæуынаффæ кæндзысты.