Азербайджанæн ног премьер-министр ис
Азербайджаны парламент бæстæйы премьер-министры постыл Новруз Мамедовы сбæлвырд кодта. Мамедов абоны онг æттаг фарстаты президент Алиевы æххуысгæнæг уыд.
Премьер-министры пост 1996 азы фæстæ Артур Расизаде ахста.
Йæ пост 2003 æм азы уцый æрмæст цалдæр мæйы ныууагъта, уæд кæд æмæ Ильхам Алиев премьер-министрæй снысан ис.