Азербайджан АИШ-ы минæвармæ протестон нотæ алæвæрдта

Азербайджан  АИШ-ы  минæварæн адæтта  протестон нотæ.

Азербайджаны хицауады  хъусын кæнынц, цæмæй  фæнысангонд скуыддзаг,  АИШ-æм  æнæразыгонд  Уæлхох Къарабахы  республикæйы а.х. президенты визиты фæстæ райстой.

«АИШ-æм Бакъо Саакяны  визитмæ  гæсгæ,  Азербайджаны   АИШ-ы  минæвар Роберт   Секутамæ фæсидтысты фæсарæн хъуыддæгты министрадмæ.  Уымæ лæвæрд æрцыд  протестон нотæ, кæцыйы Азербайджаны  фæсарæн хъуыддæгты  министрад,  АИШ-ы паддзахадон департаментæн скодта» – дзырдæуы  Азербайджаны  фæсарæн хъуыддæгты  министрады  пресс-куысты  фидиуæны.

Уæлхох Къарабахы  конфликт, 1988  азы райдыдта.   Йеуæд  Уæлхоз Къарабахы бæстæ Азербайджаны  Республикæйæ   рацæуыны  тыххæй  райхъусын кодта.  Æфсæддон конфликты  фæстæ,  Азербайджан   бæстæйы  кантрол фесæфта.