Азербайджан æмæ Сомих кæрæдзийы æхст байгомы аххосджын кæнынц
Азербайджан æмæ Сомих кæрæдзийы æхст байгомы аххосджын кæнынц

Азербайджан æмæ Сомих кæрæдзийы æхст байгомы аххосджын кæнынц

Азербайджаны хихъахъæнады министрады информацимæ гæсгæ, 8-æм апрелы, 23:35 сахатæй, 23:45 сахаты онг Сомихы гæрзифтонг тыхтæ, Горисисы районæй, æндæр æмæ æндæр типы хæцæнгарзæй æхстой Азербайджаны æфсады позицитæ Лачины районы, цæй фæстæ дæр дзуаппон æхст райдыдтой.

Сомихаг фарсы информацимæ та, азербайджанаг позициты æхст нæ бæлвырд кæнынц. Хихъахъæнады министрады информацийæ, 8-æм апрелы, 22:50 сахатæй, 22:55 сахаты онг, азербайджайнаг æфсад æхст байгом кодтой Сомихы æфсæдтон дæлхайадты хъæутыл.