Азербайджайнаг медийы информацийæ, апрелæй Баку-Тбилис-Баку маршрутыл бæлццæттæласæн поезд цæудзæн
Баку-Тбилис-Баку маршрутыл бæлццæттæласæн поезд апрелæй ацæудзæн. Азербайджайнаг меди уый фæдыл информаци хицауадон истæгыл æнцойгæнгæйæ парахат кæны.
Медийы информацийæ, Азербайджаны æмæ Гуырдзыстоны профилон органты æхсæн бадзырд сырæзт. Бæлццæтты ласт швейцариаг компани Stadler-ы поездтæй сыххæст уыдзæн.
Азербайджаны æфсæнвæндæгты æхсæнадимæ æмахастыты департамент азербайджайнаг медийæн фехъусын кодта, цæмæй ныртæккæ æрурæдта æхсæнадæмон бæлццæтты транспорт Азербайджаны æрдзон арæнты æхгæды тыххæй.