Автомобилон фæндæгты департамент Рикоты æфцæгы фадыгыл уæвæг уавæры фæдыл информаци публикаци кæны
Гуырдзыстоны регионон рæзынады æмæ инфраструктурæйы министрады автомобилон фæндæгты департаменты информацийæ, Тбилис-Сенаки-Леселидзейы автомобилон фæндаджы 147-æм километры цур (Чумателеты-хевийы фадыгыл), специалистты æрдгæй иудадзыг мониторингы уавæрты, фæбæрæг ис бынат, кæцæй дæр гæнæн уыд ракалдаит дуртæ.
Автомобилон фæндæгты департаменты куыд хъусын кæнынц афтæмæй, автотранспорты змæлды æдасдзинадмæ гæсгæ, рахастой уынаффæ, рæстæгмæ фæурæдтаиккой Рикоты æфцæгыл змæлд.
Афтæма сæ информацийæ, куыстыты фæуды æмæ специалистты æрдгæй фæндаджы æдасдзинады фæдыл æмбæлгæ рекомендацитæ райсынæй, Рикоты æфцæгыл автотранспорты змæлд сног уыдзæн.
«Къуылдымыл фæдурæджынд массæйы ракæлыны провоцирдзинады фæстиуæгæн ракалд зæххы массæ. Ацы этапыл цæуы фæндаджы ныссыгъдæггæнæн æмæ ауæрæхгæнæн интенсивон куыстытæ.
Ацы рæстæгмæ, æхсæнадæмон нысаниуæгы Тбилиси-Сенаки-Леселидзейы автомобилон фæндаджы км 114-км 194 фадыгыл (Ахалсопелийы транспортон æлхынцъ- Зестапони) алы хуызы атотранспорты змæлд рæстæгмæ фæдзæхст у.
Рикоты æфцæгыл, куыстыты фæуды æмæ специалистты æрдгæй фæндаджы æдасдзинады фæдыл æмбæлгæ рекомендацитæ райсынæй уайтагъд автотранспорты змæлд сног уыдзæн.
Рикоты æфцæгы фадыгыл атотранспорты змæлды тобæйы периоды, транспорты змæлд сыххæст уыдзæн мидпаддзахадон нысаниуæгы Гоми-Сачхере-Чъиатура-Зестафоны автомобилон фæндаджы уылты. Æрмæст, стыр уæзласæн автотранспорты змæлд у фæдзæхст», – банысангонд у автомобилон фæндæгты департаменты информацийы.