Автомобилон фæндæгты  департамент публикаци кæны  информаци  фæндæгтыл уæвæг  уавæры фæдыл
Автомобилон фæндæгты департамент публикаци кæны информаци фæндæгтыл уæвæг уавæры фæдыл

Гуырдзыстоны регионон рæзынады æмæ  инфраструктурæйы министрады  автомобилон фæндæгты департамент, фæндæгты уæвæг   уавæры фæдыл  информаци публикаци кæны.

Фæндæгты департаменты  куыд хъусын кæнынц афтæмæй,  æмбæлгæ  куыстыты уагъд   ссыгъдæггæнæн  мадзæлтты фæстиуæгæн,  бæстæйы масштабæй  алы магистралыл змæлд цæуы, æрмæст уæлхох  регионты стыр миты тыххæй   архайæг арæнæвæртæ  фылдæр æххæссынц   стыр   уæзласæн  автотранспортмæ.

«Миты æмæ фидар уазалы тыххæй, æхсæнадæмон нысаниуæгы  Мцхета-Степанцъминда-Ларсы автомобилон фæндаджы Гудаури-Къобийы фадыгыл  тобæгонд у   стыр уæзласæн автотранспорты змæлд, æрмæст   иннæ  хуызы  автотранспорты  змæлд  уæгъд у.  Фæндадджы иннæ фадгуытыл автотранспорты змæлд  сæрибар.

Интенсивон митуарды æмæ ныллæг температурæйы тыххæй,  мидпаддзахадон   нысаниуæгы  Вазиан-Гомбор-Телавы    автомобилон фæндаджы  км-30-км50 (хъæу. Гомбор-Шуа Мтайы моладзандонмæ фæзилæн)  фадыгыл  рог  атвотранспорты змæлд  уæгъд у   фæбырыны ныхмæ рæхысты  фæрцы.  Æрмæст  алкæмцæуæг (дыууæ кæнæ фылдæр хидджын)  атвотранспорты  змæлд  уæгъд у.  Автомобилон фæндаджы фадыгыл  атвотранспорты змæлд  уæгъд у.

Интенсивон митуарды тыххæй  мидпаддзахадон  нысаниуæгы Зугдид-Джвари-Местиа-Ласдилы фæндаджы (Джвари-Ушгулы)  фадыгыл  тобæгонд у стыр уæзласæн  автотранспорты æмæ 30-æй  фылдæр бынатджын  автобусты змæлд. Æрмæст иннæ типы  атотвранспорты змæлд гæнæн ис   æрмæст  цæхтылы  фæбырыны ныхмæ  рæхысты фæрцы», – дзырдæуы  ахæлиугонд  информацийы.