Автобаны  арæзтадæн 255 милуан  евройы  рауæлдай кæныны бадзырд  æрцыд бафыст
Автобаны арæзтадæн 255 милуан евройы рауæлдай кæныны бадзырд æрцыд бафыст

Финансты инистр   Иванэ Мачъавариани  æмæ   Гуырдзыстоны  Азийы  рæзынады   банкъы  иугæндзон  минæварады  директор,  Шейн  Розентал  255.1  милуан  евройы   бæрц  финансон   ресурс  рауæлдай кæныны  фæдыл бадзырд  бафыстой.

Фæнысангонд суммæ  бахардз уыдзæн Шорапаны  æмæ Аргветийы  æхсæн  14.7  километрон  дыууæфрсон , 4  хаххджын  фæндаг арæзтадæн  æмæ фæнысангонд автомагистралыл  фæндагон   æдасдзинад фæхуыздæр кæныны мадзæлттыл.  Проекты фæлгæтты  арызт æрцæудзæн   14  хид  æмæ 12 тунел.

Финансты  министрады  аргълæвæрдæй,   ног фæндагон   инфраструктурæ  æххуыс  уыдзæн  фæнысангонд автомагистралыл   транспорты  эффектжын æмæ æдас змæлдæн. Афтæма  æвæрццагæй  фæзындзæн Гуырдзыстоны, куыд транзитон бæстæйы  функци  фæтыгдæр кæнынæн.

Проекты  автомобилон фæндæгты департаменты фæрцы, Гуырдзыстоны регионон  рæзынады æмæ  инфораструктурæйы  министрад  сæххæст кæндзæн. Проекты  кæронмæ  сыххæст план кæны  2025  азы  июнмæ.