Австрийы канцлер мæнгæй æвдисы  ахæлиугонд информаци уырыссаг æрдзон газы  импортæн  рубльты бафысты фæдыл
Австрийы канцлер мæнгæй æвдисы ахæлиугонд информаци уырыссаг æрдзон газы импортæн рубльты бафысты фæдыл

Австрийы канцлер  уырыссаг æрдзон газы  импортæн  рубльты бафысты фæдыл  ахæлиугонд информаци мæнгæй æвдисы.

Уый фæдыл  Карл Нехамер  фыссы социалон хызаджы.

Цалынмæ ма, уырыссаг  пропагандæйы мæнг хабæрттæ хæлиу кæндзысты, кæй зæгъын æй хъæуы, «OMV» дарддæр кæны Уæрæсейæ газы  ифтонгадæн  аргъ  евротæй  фидын.  Австри  фидар  æххæст кæны  Евроцæдисы  иумæйаг  бæлвырд санкцитæ», –  фыссы Австрийы  канцлер.

Уæдмæ  «ВВС» ахæлиу кодта информаци  цæвиттон   Австри  уырыссаг газы аргъ рубльтæй бафыстыл сразы ис. «ВВС»-ы уырыссагæвзагон  редакци куыд фыссы афтæмæй,   уый фæдыл  райхъусын кодта Австрийы  канцлер.