Австрийы Альпыты, зæй рацыды фæстиуæгæн æхсæз адæймаг фæхъуыд. «ВВС»-ы информацийæ, уыдонæй фондз, Чехийы æмбæстæгтæ сты. Зæй рацыд Зальцбургæй 80 км дæрццæг, Даштейны регионы, денджызы æмвæзæй 2 800 метры бæрзæндыл.
Ноджы иу инцидент Каринтийы регионы æрцыд, цы ран зæйы амæттга ссис барадхъахъъхæнæг, фæлтæрæнон программæйы рæстæджы.
Зæйы бын чи фæцис, уыдоны фервæзын кæнынæн, 100-ы онг ирвæзынгæнæгы мобилиазаци скодтой, фæлæ туристты фервæзын кæнын нал бантыст.