Австрийæ Гуырдзыстонмæ лæвæрд «Астразенекайы» вакцинæйы 5000 дозæ Тбилисмæ æрластой
Австри Гуырдзыстонæн «Астразенекайы» цы 5000 дозæ балæвар кодта, уыдон нырид Тбилисмæ æрхæццæ сты. Уый фæдыл информаци хъусын кæны Австрийы Гуырдзыстоны минæвар Кетеван Цихелашвили.
«Амæйразмæ æрбадтис Тбилисы æхсæнадæмон аэропорты Вена-Тбилисы рейс, кæцыйæ, Австри Гуырдзыстонæн цы 5000 дозæ «Астразенекайы» вакцинæ балæвар кодта, уый æрластой!
Стыр бузныг австрийаг партнертæн æмæ хæлæрттæн, ацы æххуысы æмæ солидарондзинады тыххæй!
Уый у хæлардзинады нысаниуæгджын жест, кæцыйæн тынг бæрзонд аргъ кæнæм!» – фыссы Кетеван Цихелашвили «Фейсбукы».