Австралийы минæварад гуырысхойаг æрвыстæгтæ райстой
Австралийы цалдæр консульствæ æмæ минæварады адрисыл гуырысхойаг æрвыстæгтæ уыдысты æрвыст. Уый фæдыл Reuters- парахат кæны информаци. Информацимæ гæсгæ, гуырысхойаг æрвыстæгтæ горæт мельбурны æмæ Камберайы Стыр Британийы, Германи, Итали, Швеицари, Пакистан, Греци æмæ Индонезийы минæварадтæм æрцыдысты æрвыст. Бынатыл кусынц специалон фæдагуырдон службæтæ.