Австралийы хъæды масиивы зынгсирвæзты амæттаг ссис ноджы иу адæймаг
Австралийы хъæды массивтыл бафтгæ масштабон зынгсирвæзты амæттаг фæцис ноджы иу адæймаг. Фæмардуæвджыты нымæц æртæмæ ысхызт. Фæцæф сты иууыл цъус 20-ы онг зынгвæдисон æмæ 15-ы онг бынæттон цæрæг. Стихий 400 мин гектары онг территорийыл ахæлиу ис.
Бæстæйы уæлвæтк уавæрты куысты хъусын кæнынц, цæмæй арты цырд ахæлиуы тыххæй, экстремалон уавæр сæвзæрд æмæ ирвæзынгæнджытæн алкæмæн баххуыс кæнын сæ бон нæ бауыдзæн.
Бынæттон хицауад цæрджытæм сиды, сæ æдасдзинадыл сæхæдæг бакйо кæной. Уый йеддæмæ ма, прогноз куыд ддæттынц афтæмæй, стихий Квинсленды штаты хуссары уæвæг территорийыл ахæлиу уыдзæн æмæ Сиднейы онг дæр ахæццæ уыдзæн. Арты цырын кæны уæлдæфы бæрзонд температурæ æмæ дымгæ.