Австралийы горæт Аделаидайы афтид уынгты разындысты кенгурутæ

Австралийы коронавирусы   пандемийы тыххæй,   æмбæстæгтæ  лæууынц  сæ  хæдзæртты,  цæй тыххæй  дæр горæт Аделаидайы  уынгты разындысты   кенгурутæ.

Видео ахæлиу  кодта  бынæттон пъæлицæй.

Пъæлицæй  куыд дзурынц,  афтæмæй зæгъгæ  цæрæгойтæ  Аделаидайы æддаг сыхты  арæх   фæзынынц, фæлæ  уый,  цæмæй  централон   уынгтæм   баууæндой рацæуын,  хуымæтæг  фæзынд нæу.