Авд оппоицион парти иумæйаг фидиуæн публикаци кæнынц - дарддæр кæнæм ныхмæлæууын æмæ тох фæстагмæ уæлахиздзинадмæ
Оппозицон политикон партитæ «Ахали», «Грчи -Фылдæр Сæрибардзинад», «Дроа», «Иугонд Националон змæлд», «Лело Гуырдзыстоны тыххæй», Республикаг Парти æмæ «Стратегиа Агъмашенебели», иумæйаг фидиуæн публикаци кæнынц.
Фидиуæны куыд дзырдæуы афтæмæй, «сабырадон æмбырд-манифестацийы конституцион бары ныхмæ «Картули Оцнеба» æнæзакъононæй архайы пъæлицæйы хайадтæй, кæцытæ сæрфат хъахъхъæды бæсты, æфхæрæг мазæттæ кæнынц сабырадон æмбæстæгты ныхмæ».
«Сабырадон митинггæнджыты нæмын, сурын, специалон пъæлицæйон фæрæзтæй æнæзакъононæй архайын, æмбырды æмæ манифестацийы бар æнæзакъононæй сæмбонд кæнын, у фыдракæнд, кæцытыл æнæмæнгæй æрлæудзæн аххосджын уæнгты бæрн алы индивидуалон цауы. Алы тыхгæнæг, нæкæсгæ йæ рангмæ, дзуаппмæ лæвæрд æрцæудзæн хæдбар, æмæ рæстаг тæрхондоны.
Хъусын кæнæм Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн æмæ дæттæм дзырд, цæмæй Иванишвилийы авторитарон хицаудзинады кæрон скæныны æмæ коалицион, европаг хицауады саразыны фæстæ, сабырадон æмбырд-манифестацийы рæстæджы никуы уыдзыстут тыхбын маскæджын спецназæгтимæ уын уа исты хъуыддаг, кæытæ æнæзакъононæй арæн кæндзысты уæ фундаментон конституцион бартæ.
Дарддæр кæнæм ныхмæлæуд æмæ тох уырыссаг закъоны æмæ уырыссаг хицауады ныхмæ нæ адæмы фæстгамæ уæлахиздзинады онг. Нæй уырыссаг закъонæн! Нæй уырыссаг хицауадæн!» – банысангонд у фидиуæны.