Аст адæймагæн, кæцытæ къордон тыхмидзинады организаци кæныны, разамынд дæттыны æмæ хайад райсыны аххосагæй ахст æрцыдысты, профилактикон мадзалы хуызы ахæстоны фæбадын стæрхон кодтой
Аст адæймагæн, кæцытæ къордон тыхмидзинады организаци кæныны, разамынд дæттыны æмæ хайад райсыны аххосагæй ахст æрцыдысты, профилактикон мадзалы хуызы ахæстоны фæбадын стæрхон кодтой

Тæрхондон ахæстоны фæбадын стæрхон кодта аст адæймагæн, кæцытæ къордон тыхмидзинады организаци кæныны, разамынд дæттыны æмæ хайад райсыны аххосагæй ахст æрцыдысты. Ахстгонд адæймæгтæ сты: Звиад Цецхладзе, Васил Кадзелашвили, Вепхиа Къасрадзе, Ираклий Миминошвили, Инсаф Алиев, Торнике Гошадзе, Николоз Джавахишвили æмæ Гиорги Гиоргадзе.

Адвокаттæ куыд загътой, афтæмæй ахст адæймæгтæ фыдракæндыл нæ сæттынц æмæ æнæдзургæйæ баззайыны барæй пайда кæнынц.

Адвокатты ныхæстæм гæсгæ, хъуыдтагы видеофыстæй иуæй-иутæ аутентикон не сты, уыдон сты инсценировкæгонд æмæ сæ æнæрæдыд бæлвырдгæнæнтыл нымайын нæ хъæуы. Фатертæй æмæ офистæй ист дзаумæттæ кæй хонынц, уыдонмæ та цы хауы. Молотовы коктейльтæ æмæ æндæр æнæзакъон дзаумæттæ, юристтæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæ клиенттæм нæ хауынц.