Арты ракалд Ирвæзынгæнæджы Райгасы кафедралон аргъуанмæ
Арты ракалд Ирвæзынгæнæджы Райгасы кафедралон аргъуанмæ

Иерусалимы, Чырыстийы Райгасы аргъуаны уырнджытæ бæрæг кодтой Сыгъдæг Арты ракалд.

Традицимæ гæсгæ, ирвæзынгæнæджы ингæны цур уæвæг Кувуклийæ арт рахаста Иерусалимы патриарх.

Сыгъдæг Арт хуыйны Рæстдзинады Рухс, кæцы символикон æгъдауæй æвдисы Йесо Чырыстийы Райгас.

Ирвæзынгæнæджы зæппадз ис Иерусалимы, Сыгъдæг Зæппадзы аргъуаны, кæцы арæзт æрцыд IV æнусы ус-паддзах Еленæйы бардзырдмæ гæсгæ.