Шведаг уæлæдарæсы бренд H&M-ы онлайн магазины сауцъар моделы фотойы публикаци, кæцыйы дарæсыл фыст уыдис «Джунглиты сегасæй фидар маймули», тызмæг критикæ расидтис.
Бренды фæазымджын кодтой расизмы. Уæлæдарсæыл фысты тыххæй, афроамерикаг активисттæ компанийы цалдæр магазины ныссæстой.
Уæлæдарæсы оранжхуыз версийыл, кæцыйы дæр урсцъар сывæллон у конд, ахæм фыст ис «Джунглиты удæгасæй баззайыны эксперт».
H&M фотойы онлайн магазинæй схафта æмæ Time-мæ ныхасы рæстæджы, æхсæнадæй хатыр дæр ракуырдта, фæлæ бренд уæлæдарæсы, Америкæйæ цухæй æндæр бæстæты уæддæр ауæй кæндзæн.

H&M рекламайæн, дунейы масштабæй протест расидтысты артисттæ дæр. Уыдон креативон постерты серий сарызтой, кæцытыл уæлæдарæсыл хъауджыдæргонд фыстытæ сты хаст.
