Арчил Татунашвилийы цардмæ бахъавыны фактыл Гуырдзыстон, бахъаст кæндзæн Страсбургы тæрхондонмæ
Арчил Татунашвилийы цардмæ бахъавыны фактыл Гуырдзыстон, бахъаст кæндзæн Европæйы адæймаджы барты тæрхондонмæ. Уый фæдыл райхъусын кодта Гуырдзыстоны юстицийы министр Тея Цъулукиани.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Страсбургы тæрхондонмæ бавдисинаг хъастыл куыст тагъд фæуыдзæн æмæ дзуппмæ лæвæрд фарс уыдзæн Уæрæсейы Федераци зæгъгæ.
«Юстицийы министрад хицауадимæ бадзырдæй, нырма ноджы уæд райдыдта хъаст цæттæ кæнын Страсбургы тæрхондонмæ арвитынæн, нæ хицауад алы амæлттæй куы архайдта, Цхинвалы регионæй мардыбуары æрыздахын. Уый фæстæ æрцыд марды ралæвæрд, кæцыйæн йæ ном ссардтам æмæ йæ баврдтам, фæлæ хъаст цæттæ кæнын нæ фæурæдтам. Цыбырдæр æмгъуыдтæм хъасты кæронмæ æрцæттæ кæндзыстæм, алы процедурæ хъаххъæнгæйæ, кæцы райрæзын кæндзæн нæ шансытæ. Ацы хъуыддагыл цæй зæгъын æй хъæуы дзуапп дæттæг уыдзæн Уæрæсейы Федераци» – райхъусын кодта Тея Цъулукиани.