Арчил Татунашвилийы бинонтæ æнхъæлмæ кæсынц экспертизæйы кæронбæттæн хатдзæгмæ - фотохабар
Арчил Татунашвилийы бинонтæ æрзонгæ сты Леван Самхараулийы номыл тæрхонон экспертизæйы националон бюройы Татунашвилийы мардыбуарыл уагъд экспертизæйы медицинон хатдзæгимæ.
Фыццаг Къаналæн Татунашвилиты бинонтæ куыд фехъусын кодтой афтæмæй, тынг уæззау уыд зæгъгæ информаци исын ома йæ буарыл уыд 100-йæ фылдæр хъæдгом.
Арчил Татунашвилийы бинонтæ æнхъæлмæ кæсынц комплексон экспертизæмæ. Уыдон экспертизæйы кæронбæттæн хатдзæг райсыны фæстæ, адæймаджы барты Европаг тæрхондонмæ бахъаст кæндзысты.
«Кæронбæттæн хатдзæг хъуамæ бавдыстæуа, вæццæгæн æрхондзысты кардиологты, нейрохизруг дæр хъæуы, цæмæй бавдисой хатдзæг, уыдис гæнæн æвин нæ, мæ хъæбул амардаит хъизæмары фæстиуæгæн. Хъуыддаг Страсбургы тæрхондонмæ дæр хъуамæ бахæссæм, цæмæй кæд уый гæнæн уыдзæн, æфхæрд æрцæуой уыцы цыфыддæртæ, чидæриддр афтæ дурзæрдæйæ фыдæбонæй мардтой мæ хъæбулы» -банысан кодта Гиорги Татунашвили.
Арчил Татунашвилийы мард, оккупацигонд Цхинвалæй 2018 азы 20 марты раластой.