Арчил Талакъвадзе - Уæлрадон уавæры рæстæджы нын уыд тынг бæрзонд ивартæ, кæцытæ ныр пропорционыл банымайæн нæй
Гуырдзыстоны парламенты сæрдар, АрчилТалкъвадзе, æнæнизхъахъхъæды æмæ юридикон комитетты сæрдæрттæм баздæхт куырдиатæй, батагъдгонд режимы райдайон кусын, цæмæй коронавирусы пандемийы уавæрты архайæг уагæвæрды администрирдзинадæн закъондæттæн ивдтытæ æрцæттæ кæной.
Талакъвадзе куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ, низты контролы центры къухдариуæггæнæг Амиран Гамхърелидзе зæгъгæ æргомæй ныхас кодта, цæмæй бирæ цаутæ фиксир кæнынц, кæцыты рæстæджы, æмбæстæгтæ не ххæст кæнынц æнæнизхъахъъхæды куыстыты рекомендацитæ æмæ уагæвæрд.
Парламенты сæрдары дзырдæй, ивары бæрц зæгъгæ æмбæстагæн уæлæмхас социалон проблемæтæ ма хъуамæ æвзæрын кæна.
Талакъвадзейы дзырдæй, системон арæнæвæрдты сисыны фоныл, индивиудуалонæй уагæвæрд хъахъхъæнын у иттæг нысаниуæгджын, раздæримæ абаргæйæ, карантины æмæ уæлрадон уавæры рæстæджы куыд уыд, уымæ бирæ нысаниуæгджындæр.
«Фæнды мæ ноджы иу хатт ракурон не æмбæстæгтæй, цæмæй индивидуалон хихъахъхъæнæн фæрæзтæ, сæрмагондæй та маскæ, абон у сæрмагондæй нысаниуæгджын. Паддзахад системон арæнæвæрдтæ куы аивдта, уæд мах хъуамæ æмбарæм уый, цæмæй ацы систомон арæнæвæрдтæ аивыны фоныл, индивидуалонæй уагæвæрд хъахъхъанын дывæрæй æмæ æртывæрæй нысаниуæгджындæр у», – райхъусын кодта Арчил Талакъвадзе.