Арчил Талакъвадзе - райгонд стæм Майк Помпеойы фидиуæнæй æхсæнадæмон цæстдарджыты фæдыл
Æхсæнадæмон цæстдарджыты фæдыл Майк Помпеойы фидиуæнæй райгонд стæм, фæнды нæ, куыд гæнæн ис, афтæ фылдæр цæстдарæг фена, цæмæй Гуырдзыстоны прецедент цæмæн нæй, ахæм æвзæрстытæ уадзæм, – ахæм дзуапп дæтты Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Арчил Талакъвадзе, АИШ-ы паддзахадон нымæрдар Майк Помпеойы фидиуæнæн, æхсæнадæмон цæстдарджыты фæдыл.
Талакъвадзейы ныхæстæм гæсгæ, хицаугæнæг балы фæнды, цæмæй куыд гæнæн ис, афтæ фылдæр æхсæнадæмон партнер сфиксир кæна Гуырдзыстоны демократи куыд фæтынг ис, уый.
«Ацы моментмæ нырид бæрæг у, цæмæй ЕÆÆО (OSCE)-ы адæймаджы барты офисæн уыдзæн тынг уæрæх мисси æвзæрстытыл, афтæма, уым хайад райсдзысты европарламентартæ. Æз мæхæдæг баздæхтæн Европæйы советы парламентон ассамблемæ æмæ Евроцæдисмæ, цæмæй рарвыстаиккой фылдæр цæстдарджыты. Абон нырид цытджын Помпеойы æмæ АИШ-ы фидиуæнтæ дæр федтам æхсæнадæмон цæстдарджыты тыххæй.
Уый æппæтæй бæрæг у, цæмæй – нæ политикон фæнд у, цæмæй æмбæстæгтæ æмæ партнертæн равдисæм, цæмæй уадзæм прецедент цæмæн нæй ахæм æвзæрстытæ, æххæст пропорцион системæйæ. Фæнды нæ цæмæй куыд гæнæн ис, афтæ фылдæр цæстдарæг фена уый, куыд гæнæн афтæ бирæ партнер сфиксир кæна Гуырдзыстоны демократи куыд фæтынг ис æмæ уый у куыд нæхи, – афтæ партнерты фæндон æмæ политикон бар»,- райхъусын кодта Арчил Талакъвадзе.