Арчил Талаквадзе – премьеры æмæ нæ къорды прагматон æддагон политикæ Гуырдзыстонæн æрхаста сабырад æмæ стабилондзинад
Прагматон æддæ политикæ, кæцыйы Гуырдзыстон премьер-министр æмæ нæ бал æххæст кæнæм, æнæкæсгæ уыцы хæлдтытæм, кæцытæ оккупацигонд территорийыл арæх фиксир кæнынц, Гуырдызстонæн æрхаста сабырдзинад æмæ стабилондзинад – уый фæдыл парламентон фылдæрты лидер Арчи Талаквадзе парламенты æддæ ахастыты комитеты рабадтыл райхъусын кодта, кæцыйыл Арчил Татунашвилиимæ гæсгæ, пкарламенты резолюцийы проекты кæсынц.
Арчил Талаквадзе куыд банысан кодта афтæмæй, Гуырдзыстон абон регионы у иуæй-иу сеппæтæй æдас паддзахад кæцыйæн ис интенсивон экономикон рæзынад, комкоммæ фæсарæйнаг инвестицитæ, афтæдæр рæзгæ туризм.
Парламентон фылдæрты лилдер рацыд инициативæйæ, ома резолюцийы тексты, кæцы баст у Арчил Татунашвилийы æмæ Гига Отхозориайы фарстимæ, хаст æрцæуа Давит Башарулийы хъуыддагдæр.
«Цыдæриддæр та Отхозориайы цаумæ æххæссы, уæлæмхасæй уын зæгъдзынæн, цæмæй не резолюцийы хъуамæ бавдсиæм Давит Башарулийы уа дæр, не æмбæстаг кæцы 2014 азы рбасæйфт æмæ мæйты дæргъы нымад цыдис æрбайсæфтуæвæгæй. Уый фæстæ йæ мард ссардæуын, фæдагуырдмæ ацы æрдгæй ис цыдæр бæрæггæнæнтæ. Йе æрдæм растæвзарæндзинады кронмæ сæххæст кæнын не нтысы уый тыххæй, цæмæй йæ хъыг дары Уæрæсейы федераци æмæ оккупацион режим» – банысан кодта Арчил Талаквадзе.
Уыйимæ парламентон фылдæрты лидер Абашидзе-Карасины форматы кой дæр ракодта æмæ загъта, цæмæй резолюцийы проекты ацы фарсты сæ зæрдыл нæ бадардзысты.