Арчил Талаквадзе – парламенты резолюцийы мидæг ис тызмæг аргълæвæрдтæ куыд Татунашвилийы – афтæ Отхозориайы марындзинадыл
Арчил Татунашвилийы фарст у ахæм, кæцыйы тыххæй дæр алчи иумæ хъуамæ слæууæм – уый фæдыл парламентон фылдæрты лидер Арчил Талакъвадзе, Арчил Татунашвилийы цардмæ хъавды фæдыл резолюцийыл коментарийы рæстæджы загъта.
Арчил Талаквдзе куыд банысан кодта афтæмæй, цæугæ къуырийы парламентон сессийыл тынг принципон резолюцийыл фæуынаффæ кæндзысты, кæцы баххæсдзæн Арчил Татунашвилийы хъуыддагмæ.
«Мах ацы къуырийы сессимæ рахæсдзыстæм резолюци, кæцы тынг принципон у. Ацы резолюцийы ис карз аргълæвæрдтæ куыд Арчил Татунашвилийы, афтæ Гига Отхозориайы марындзинадмæ гæсгæ. Резолюцийы мидæг ис конкретон æркуырдтæ, марды буар радæттыны, фæдæвзарæны саразыны æмæ æхсæнаæмон мониторингы фарст. Мах цæттæ стæм уынаффæмæ цыфæнды фарсимæ, уымæн æмæ Арчил Татунашвилийы фарст у ахæм, кæцыйы тыххæй алчидæр иумæ хъуамæ слæууæм»- расидтис Арчил Талаквадзе.