Арчил Талакъвадзе – парламент демокративон принциптæ хъахъхъæнгæйæ, бæрзонд æмвæзадыл ауагъдта Сæйраг Тæрхондоны тæрхонгæнджытæм кандидаттæм хъусын
Парламент, демокративон принциптæ хъахъхъæнгæйæ. Бæрзонд æмвæзадыл ауагъдта Сæйраг Тæрхондоны тæрхонгæнджытæм кандидаттæм хъусын – уый фæдыл Гуырдзыстоны парламенты сæрдар, Арчил Талакъвадзе райхъусын кодта. Э
Талакъвадзе куыд зæгъы афтæмæй, зæгъгæ хъæлæскæнынадæй фæбæрæг уыдзæн, цæмæй цас адæймаг снысан уыдзæн Сæйраг тæрхондоны тæрхонгæнæгæй.
Арчил Талакъвадзейы дзырдæй, парламент сыххæст кодта йæ дзырдлæвæрд , ома зæгъгæ процесс уыдаит рухсдзыд æмæ демокративон.
«Дзыллæйæн куы баныфсвæрæм уæд, ацы дзырдлæвæрд æххæст кæнæм. Раттам дзырд цæмæй уыдаит рухсдзыд æмæ демокративон процесс æмæ йæ нæ фæмæнг кодтам» – райхъусын кодта Арчил Талакъвадзе.
Парламенты юридикъон фарстаты комитеты рабадтыл, тæрхонгæнджытæм кандидаттæм хъусын фæцис. Кæд ацæудзæн пленарон рабадтыл кандидаттæн хъæлæскæнынады процесс, юридикъон фарстаты комитеты консультациты фæстæ суыдзæн бæрæг.