Арчил Талакъвадзе – Ныфс мæ ис, иннæ фембæлдыл нæ бон бауыдзæн позицитыл фæдыл афтæ æрныхас кæнын, цæмæй гæнæн бауа разыдзинад, йæ баххæст кæнын æмæ парламенты бирæпартиондзинад
Фæнды мæ ныфс разæгъын, цæмæй дарддæры фембæлдыл нæ бон бауыдзæн позициты афтæ сразы кæнын, цæмæй фæзындзæн разыдзинадмæ æрцæуыны фадат, къух йыл рафыссын æмæ парламенты бирæпартиондзинад – уый фæдыл парламенты сæрдар Арчил Талакъвадзе бадзырдты æртыккаг раунды фæуды фæстæ загъта журналисттæн.
«Абоны фембæлд у ноджы иу размæ арызт къахдзæф бадзырды æрдæм, æцæгдæр йæ нысан уыд оппозицийы ноджы фылдæр баввахс кæнын уыцы нысаниуæгджын фарстæтæм гæсгæ, кæцы баст у политикон системæйы стабилизациимæ, оппозицийы æмæ фылдæрты æхсæн дарддæры дæргъвæтин æмгуыстадимæ, кæцы абон афтæ æнæмæнгхæъугæ у бæстæйæн. Фæнды мæ раарфæ кæнын минæвæрттæн, кæцытæ ацы нысаниуæгджын диалогы фасилитаци кæнынц æмæ мæ фæнды ныфс разæгъын, цæмæй дарддæры фембæлдыл нырид нæ бон бауыдзæн позицитыл фæдлыл афтæ æрныхас кæнын, цæмæй гæнæн бауыдзæн разыдзинад, йæ баххæст кæнын æмæ парламенты бирæпартиондзинад» – загъта Арчил Талакъвадзе.
Абон евроцæдисы æмæ АИШ-ы минæвæртты æххуысæй, хицауады æмæ оппозицийы æртыккæгæм фембæлд ацыд. Консультацитæ ауадзыны æнæмæнгхъæуындзинад бонвæткы уый фæстæ слæууыд, оппозици 31 октябры æвзæрстыты фæстиуджытæ фальсифициргондыл куы банымадта æмæ райхъусын кодта, цæмæй парламентон мандаттыл нæзагъд кæнынц.