Арчил Талакъвадзе – Михеил Саакашвилийы хъуыддаджы равзаринаг ницы ис
Конституцион реформæты фæстæ «Гуырдзиаг Бæллицц» раивдта парламенты регламент, оппозицийæн раттам нысаниуæгджын инструменттæ æмæ мæцъистæ, цæмæй йæ куыст кæной парламенты. Уый тыххæй дæр, оппозицийæн сæхицæн у сæ бон комисси саразын – уый фæдыл парламентон фылдæрты уæнг Арчил Талакъвадзе райхъусын кодта.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, Михеил Саакашвилийы хъуыддаджы фæдагуырд æнæхъуаджы у, уымæн æмæ æхсæнадæмон тæрхондон Гиргвлианийы хуъыддаджы тыххæй загъта, цæмæй растдæр Саакашвилийы президентæй уæвыны рæстæджы, йæ къухдариуæгæй æнæхъæн паддзахадон администраци уыдис баст тынг уæззау закъонсастыты, кæцы Гиргвлианийы хъуыддагмæ æххæссы.
«Кæцыфæнды æндæр хъуыддагыл, фехæлдта æви нæ арæн, зонут, цæмæй цæуы тæрхонон процесстæ æмæ бæрæг у, цæмæй уым ис бæлвырдгæнæнтæ. Афтæмæй оппозицийæн йæ бон у кæцыæнды ацы фарстамæ æрывналын» – райхъусын кодта Талакъвадзе.
Парламенты бюройы абоны радатыл Михеил Саакашвилийы тыххæй рæстæгмæ фæдагурæг комисси саразыны инициативæ бавдисдзысты. Уагæвæрды проект, фракци «Националон Змæлд» æрцæттæ кодта. Документы банысангонд у, цæмæй комисси саразыны аххосн у Михеил Саакашвилийы ныхмæ паддзахадон оргæнты æмæ бæрзонд гæсты æрдгæй тыхмидзинады æмæ æндæр законсæттынады фактыты бацахуыр кæнын. Комисси саразынæн хъæуы 50 хъæлæс.
«Националон Змæлдæн» парламенты ис 30 депутат. Уыдоны Комисси саразынæн оппозиционер коллегæты разыдзинад бахъæудзæн. Оппозицийы хай комисси саразынимæ разы нæу, сæ нымæцы сты парти «Гуырдзыстоны тыххæй», «Æмбæстгтæ» æмæ «Европаг Социалисттæ».