Мæ бинонтимæ иумæ ацыдтæн æмæ уый тыххæй ам политикъон скандал сцырын кодтой, мæ куыст бынатыл уыдтæн алы бон дæр æмæ ницы политикон «шатъало» нæ уыд, –уый фæдыл Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Арчил Талакъвадзе райхъусын кодта.
«Уыцы сюжетæй сæ фæндыд дзыллæйæн зæгъын: парламенты сæрдар атахтис Къомойы цадмæ улæфынмæ, уым уылæфы бюджеты суммæтæй, бакæсут æм, æндæр ницы мæт кæны, – фараст уацæй реалонæй фæстагмæ баззад уый , цæмæй парламенты сæрдар сæрмагонд хъуыддагмæ ныттахтис Миланмæ æмæ дыккаг бон та уыд куысты. Тынг смæсты дæн, мæ бинонты хъуыддаджы тыххæй кæй ацыдтæн уымæ политикъон скъандал куы сцырын кодтой, уымæй. Æз куыд парламенты сæрдар мæ куыст бынатыл уыддæн алы бон дæр æмæ ницы политикъон «Шатъало» нæ уыд. Уæлдайдæр нæ райсдзынæн ахæм критикæ уыдонæй, кæцытæ бюджеты хардзыд фæсарæнтæм иу атæх-ратæх кодтой æд æмгæрттæ», – райхъусын кодта Арчил Талакъвадзе.