Арчил Талакъвадзе - хъуыддаг терроризм æмæ националон æдасдзинады фарстмæ куы æххæссы, уæд цæй зæгъын æй хъæуы алы фарстæн æргомæй дзупп лæвæрд нæ æрцæуы
Арчил Талакъвадзе - хъуыддаг терроризм æмæ  националон æдасдзинады  фарстмæ куы æххæссы, уæд цæй зæгъын æй хъæуы  алы фарстæн æргомæй дзупп лæвæрд нæ æрцæуы

Парламентон фылдæрты  лидеры, Арчил Талакъвадзейы  фидиуæнæй,   хъуыддаг терроризм æмæ  националон æдасдзинады  фарстмæ куы æххæссы, уæд цæй зæгъын æй хъæуы  алы фарстæн æргомæй дзупп лæвæрд нæ æрцæуы.

Абоны пленарон радатлы, Арчил Талакъвадзе, Габриел Салосы уынгыл  уагъд спеоперацийы кой ракодта æмæ  банысан кодта, цæмæй  парламенты  æууæнкджын къорды  форматы  æдадсзинады  куыстмæ байхъусдзысты  æмæ ацы спецоперацийы фæдыл  фылдæр информаци  райсдзысты.

«Паддзахадон  æдадсзинады  куыст  æмæ мидхъуыддæгты министрад  ацы спецоперацийы  дыууæдæр рарды – цæрджыты  баиргъæвын æмæ  тасы снейтрализаци кæнын æнæгуызавæйæ сæххæст кодтой.  Цæй зæгъын æй хъæуы,   Иване Голашвили  хъайтарты историйы хай уыдзæн æнустæм, уый æппæт  бæстæйæн равдыста   хинывонды  дæнц æмæ йæ  лæгдзинадæн кад кæнæм.  Хъуыддаг  терроризм æмæ   националон æдасдзинады фарстмæ куы баххæссы,  уæд алы фарстæн æргомæй  дзуаппын раттын  гæнæн нæй æмæ уый банысан кодтой   нæ коллегæтæ дæр.  Фæнды мæ   оппозиционер депутаттæн  бакой кæнон, паддзахад  цæрджыты  терроризмæй  иргъæвы æнæкæсгæ уымæ, цæмæй цы ном æмæ мыггаг хæссынц терроисттæ.   Уый тыххæй дæр аппелир кæнын ууыл, цæмæй   цы ном æмæ мыггагæй уыдысты террористтæ, кæнæ та сын цы паспорттæ уыд,  уый  къаддæр нысаниуæгджын у» – расидтис  Талакъвадзе.