Арчил Талакъвадзе - Иунæг демокративон паддзахады дæр расттæрхон æмæ тæрхондон æвзæрстытæм нæ банхъæлмæ кæсынц
Иунæг демокративон паддзахады дæр расттæрхон æмæ тæрхондон не нхъæлмæ кæсынц æвзæрстытæм, – ахæм дзуапп дæтты парламенты сæрдар Арчил Талакъвадзе оппонентты куырдиæттæн уый фæдыл, цæмæй зæгъгæ Гиги Угулавайæн ахст стæрхон кæнын, политиконæй мотивиргонд уыдис.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, расттæрхон архайы хæдбарæй ис йын сæрмагонд æмгъуыдтæ, регулиргæнæг закъондæттынад, æрмæст æвзæрстытæ у политикон процесс æмæ расттæрхон та никуы банхъæлмæ кæсы æвзæрстытæм.
«Дисы мæ бафтыдтой, оппозицийы æрдгæй сæйраг аргументæй, уый куы фехъуыстон, цæмæй гæнæн ис чидæр æнаххосæй æфхæрд цæуы, фæлæ мах фехъусытам уый, цæмæй фыдракæнд уыдис, проблемæ ис, фæлæ уый тыххæй, цæмæй æвзæрстытæ уыдзæн, расттæрхон хъуамæ банхъæлмæ кæсæт æвзæрстытæм. Уæ бон у рабæлвырд кæнын – æхсæнадæман практикæйы иунæг хъуыддаг дæр нæй ахæм æмæ ныгуылæйнаг бæстæты ногдæр историйы, расттæрхон æмæ конкретон хъуыддæгтæ никуы банхъæлмæ кæсынц æвзæрстытæм. Иуæй-иу куырдиат, кæцыйы мидæг оппозицийы цалдæр лидер хъусын кодтой, ома зæгъгæ уый тыххæй, цæмæй Угулава у оппозицийы сæйраг лидер æмæ флагман, цыма уый тыххæй ссис уый хицауады номыр фыццаг нысан. Уый у мæнг. Ницы нысан Угулава нæу. Ноджы иу хатт мын куыд адæймагæн хъыг у Угулава ахст кæй æрцыд уый, фæлæ ахæм аргументтæ æцæгæйдæр у спекуляцион, йæ ныхмæ сты уыцы оппозиционерты куырдиæттæн, уыдон иртасæны фæстиуджыты кой куы кæнынц. Ацы иртасæны фæстиуджытæ дæр рабæрæг кодтой уый, цæмæй фæнды оппозицийы мидæг чи у лидер, кæмæн ис фылдæр рейтинг. Уый æппæты тыххæй, ацы аххосæгтимæ не сразы уыдзыстæм никæд бонты», – банысан кодта Арчил Талакъвадзе.