Арчил Талакъвадзе - «Гуырдзиаг Бæллицц» рæстаг уавæрты разыдзинадмæ цæттæ у
«Гуырдзиаг Бæллицц» цæттæ у рæстаг уавæрты разыдзинадмæ – уый фæдыл Гуырдзыстоны парламенты сæрдар, Арчил Талаквадзе Европаг Советы презхиденты специалон минæваримæ Кристиан Даниелсонимæ фембæлды фæстæ райхъусын кодта.
«Тынг дырысæй мæ фæнды ноджы иу хатт зæгъын уый, цæмæй «»Гуырдзиаг Бæллицц» рæстаг уавæрты разыдзинадмæ цæттæ у. Афтæдæр æххæст бæрнæй стæм ацы бадзырдты, уый у бæстæйы фæткдæттынады бæрн æмæ æмбæстæгты раз цы бæрн систам нæхиуыл уый, кæцытæ пандемимæ нæкæсгæйæ, æвзæрстыты райстой хайад æмæ дыууæ милуан нæ æмбæстæгтæй, схъæлæс кодтой æндæр æмæ æндæр партийæн. Аргъ кæнæм нæ фарсхæцджыты æвзæрстæн æмæ цæй зæгъын æй хъæуы фæнды нæ ахæм разыдзинадмæ æрцæуын, кæцы уыдзæн æнæфæцудгæ, дæргъвæтин ифтонг кæндзæн нæ бæстæйы политикон æмгуыстад» – райхъусын кодта Талакъвадзе.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, Евроцæдисы æрдгæй гуырдзыстонæн ис фидар æххуыс æмæ ацы диалогы нæ партнерты айад раст ацы æххуыс æвдисæг у.